Суахи́ли (суахилиагау: kiswahili) у бантуйаг æвзæгтæй сæ иууыл стырдæр, стæй Африкæйы континенты тæккæ зынгæдæр æвзæгтæй иу. У бирæхуызон этникон къорды ’хсæн бастдзинады фæрæз æмæ уый охыл ахæлиу ис Скæсæн æмæ Центрон Африкæйы территорийыл (Индийы фурды былгæронæй Конгойы Демократон Республикæйы центрон облæстытæм, æмæ Сомалийæ Мазамбикмæ).

Суахили
Хином kiswahili
Бæстæтæ Танзани, Угандæ, Конгойы Демократион Республикæ, Кени, Руандæ, Бурунди, Сомали, Коморы сакъадæхтæ, Мозамбик, Малави
Официалон статус Угандæ Угандæ
Кени Кени
Танзани Танзани
Руандæ Руандæ
Дзурджыты нымæц 5—10 млн. (фыццаг æвзаг)
50 млн. (дыккаг æвзаг)
Классификаци
Категори Африкæйы æвзæгтæ

Нигеро-конголезаг æвзæгтæ

Бенуэ-конголезаг æвзæгтæ
Бантоидаг æвзæгтæ
Банту æвзæгтæ
Фыссынад латинаг алфавит
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1 sw
ISO 639-2 swa
ISO 639-3 swa, swc, swh
ГОСТ 7.75–97 суа 631
WALS swa
Ethnologue swa
Linguasphere 99-AUS-m
ABS ASCL 9211
IETF sw
Glottolog swah1254
Википеди ацы æвзагыл

Суахили у паддзахадон æвзаг ахæм бæстæты: Танзанийы, Кенийы Республикæйы æмæ Угандæйы. Æвзагæй ма парахатæй пайда кæнынц Руандæйы, Бурундийы, Замбийы, Малавийы, Коморы сакъадæхты æмæ Мадагаскары.

Æндæр æмæ æндæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ суахилийыл куыд мадæлоныл дзурынц 2,5–5 милуан адæймаджы. Ноджы 50–70 милуан адæймаджы пайда кæнынц суахилийæ куыд дыккаг æмæ æртыккаг æвзагæй.

Классификаци

ивын

Дж. Гринбергы генетикон классификацимæ гæсгæ бантуйаг æвзæгтæ хаст сты нигейраг-конгойаг бинонты бенуэ-конгойаг къордмæ. М. Гасприйы мидклассификацимæ гæсгæ суахили хауы G42-къордмæ: Бантоидон/Хуссайраг/Нарæг (Къаннæг) банту/Центрон/G.

Цымыдисаг зонинæгтæ

ивын

Суахили у иунæг ахæм африкæйаг æвзаг, Африкæйы Цæдисы кусæн æвзаджы статус лæвæрд кæмæн уыди (2004-æм азæй фæстæмæ).


  翻译: