Перейти к содержанию

Кириллон алфавит

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дунейы кириллон алфавитæй кæм фыссынц, уыцы бæстæтæ

Кириллон алфавит (кириллицæ дæр) у рагон славяйнаг алфавит, кæцы X æнусы дыккаг æмбисы сарæзта Охриды Климент, æмæ йын радта йæ ахуыргæнæг Кириллы ном. Кирилл æмæ Мефодий, нырыккон зонадон уырнæнмæ гæсгæ, кириллцæ нæ, фæлæ глаголицæ сарæзтой. Кириллон алфавиты глаголицæйы тæваг дæр зыны, фæлæ йæ дамгъæтæй фылдæр бердзенаг алфавитæй сты.

Кириллон алфавитæй фыстой славяйнаг чырыстæттæ (уæлдайдæр хуссар æмæ скæсæйнаг дæлкъордты адæмтæ), уыимæ румынаг адæм дæр. Румынийы кириллон алфавитæй латинагмæ рацыдысты æрмæст XIX æнусы (уыимæ æнусы астæу пайда кодтой хæццæ алфавитæй — уыдысты дзы куыд кириллон, афтæ латинаг дамгъæтæ дæр, зæгъæм, «клоs вine» [клос вине][1]).

1708—1711 азты Пётр I реформæты фæрцы славяйнаг дамгъæтæ райстой сæ нырыккон уынд, афтæ хуынд «граждайнаг шрифт».

Кириллон алфавиты йæ фыццаг сконд бæрæг нæу, фæлæ йæ классикон «рагон славяйнаг» сконды ис 43 дамгъæйы. Уыдоны нæмттæ ивынцы бынæттон традицимæ гæсгæ, таблицæйы сты уырыссаг традицийы верси:

Дамгъæ Фыссынад Нымæцон
нысаниуæг
Зæлынад Ном
А 1 [а] аз
Б [б] бу́ки
В 2 [в] ве́ди
Г 3 [г] глаго́ль
Д 4 [д] добро́
Е, Є 5 [э] есть
Ж [ж'] живе́те
Ѕ 6 [дз'] зело́
Ꙁ, З 7 [з] земля́
И 8 [и] и́же
І, Ї 10 [и] и
К 20 [к] ка́ко
Л 30 [л] лю́ди
М 40 [м] мысле́те
Н 50 [н] наш
О 70 [о] он
П 80 [п] поко́й
Р 100 [р] рцы
С 200 [с] сло́во
Т 300 [т] тве́рдо
ОУ, Ꙋ (400) [у] ук
Ф 500 [ф] ферт
Х 600 [х] хер
Ѡ 800 [о] оме́га
Ц 900 [ц’] цы
Ч 90 [ч’] червь
Ш [ш’] ша
Щ [ш’т’] ([ш’ч’]) ща
Ъ [ъ] ер
[ы] еры́
Ь [ь] ерь
Ѣ [æ], [ие] ять
Ю [йу] ю
[йа] А йотированное
Ѥ [йэ] Е йотированное
Ѧ (900) н] юс малый
Ѫ н] юс большой
Ѩ [йэн] юс малый йотированный
Ѭ [йон] юс большой йотированный
Ѯ 60 [кс] кси
Ѱ 700 [пс] пси
Ѳ 9 [θ], [ф] фита́
Ѵ 400 [и], [в] и́жица
Самуилы фыст кириллон дамгъæтæй. 11 рæнхъы

Рагондæр кириллон фыст, кæцыйы датæ бæлвырд у, у Болгарийы паддзах Самуилы фыст. Уый у паддзахы хионты цыртыл конд. Фысты ис азы кой — 993. Цырт ссардтой XIX æнусы кæрон, ныр Македонийы паддзахад кæм и, уыцы бæстæйы[2].

Кириллон алфавит æмæ компьютертæ

[ивын | Бындур ивын]
Уырыссаг клавиатурæйы равæрд
Болгайраг клавиатурæйы равæрд

Кириллон алфавитæй фысгæ æвзæгтæн цы клавитуарæйы равæрдтытæ ис, уыдон æппæндæр иухуызон не сты. Зæгъæм, болгайраг æмæ уырыссаг равæрдтыты ’хсæн иудзинад бынтондæр нæй — æрмæст дамгъæ «З» иу бынаты у (кæс схемæтæ).

Иронау фыссынмæ стандартон кириллон (уырыссаг) шрифтæй уæлдай хъæуы æрмæст иунæг дамгъæ — Æ. Уый тыххæй ирон равæрдтытæ сты уырыссаг клавиатурæйы бындурыл, фæлæ дзы дамгæ Æ лæууы Э[3] кæнæ Щ-йы бынаты. Ирон клавиатурæйæ ис фыссæн куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр.

Популярондæр кодировкæтæ кириллон тексттæ дарынмæ сты KOI8-R, Windows-1251 æмæ UTF-8.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Википедийы ис уыцы фыссынады дæнцæг
  2. Кривчик В.Ф., Можейко Н.С., Старославянский язык. Изд. 2-е, доп. Минск, "Вышейш. школа", 1974. 304 с.
  3. Ирон клавиатурæ // Ironau.ru


  翻译: